7 О мӕ уарзон! Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ! Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!
Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.
— О мӕ зынаргъ, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Нӕ хуыссӕн — цъӕх нӕуу,
— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.
Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!
Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.
Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.