4 Давиды мӕсыг — тохы бонӕн амад, уый ӕнгӕс — дӕ хъуыр: мин уартӕй йӕ сфӕлыстӕуыд, иууылдӕр — ӕфсӕддонты уартытӕ.
О Гилбоайы хӕхтӕ! Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада, къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа, уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной — уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт — Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис!
Ды паддзахӕн стыр уӕлахизтӕ дӕттыс ӕмӕ мыггагмӕ аудыс Де ’взӕрст Давидыл ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл».
Уый фарсмӕ къулы иннӕ хай, тигъыл цы хотыхдон ис, уый схизӕны акомкоммӕ, сарӕзта Йешуайы фырт Езер, Мицпайы хицау.
цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс, Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад.
Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм, саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.
Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.
Дӕ хъуыр — пылыстӕгӕй конд мӕсыгау. Баш-Раббимы кулдуары цур — Хешбоны донуӕттӕ, уыдоны ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ. Цыма ливайнаг мӕсыг Дамаскы ’рдӕм кӕсы, уый ӕнгӕс — дӕ фындз.
— О, сис дӕн ӕз, мӕ риутӕ та — мӕсгуытӕ, йӕ хорзӕхы аккаг мӕ уымӕн скодта!
Дӕумӕ та, Мигдал-Эдер, Сионы чызджы хох, дӕ хицауы бартӕ раздӕхдзысты, Йерусалимы чызгмӕ раздӕхдзӕни йӕ паддзахдзинад.
Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон.