Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дӕ былтӕ сты сырх ленты ’нгӕс, хӕрзаив. Хызы бын дӕ рустӕ гранаты ’рдджытау — сырх.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 4:3
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не ’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис.


Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.


Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.


Йӕ ныхас у куырыхон, хорз зондамынд дзы хъуысы.


О, сау дӕн, уымӕ ма кӕсут — мӕ буар хурмӕ басыгъди. Ме ’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты: сӕ сӕндӕттӕм мын бафӕдзӕхстой зилын — мӕхи сӕндон нӕ бахъахъхъӕдтон!


О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.


Йӕ рустӕ — дидинджыты къох, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты ’нгӕс, миррӕйы сой сӕ тӕдзы.


Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!


Хызы бынӕй гранаты ’рдджытау сырхӕй зынынц дӕ рустӕ.


Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.


Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд.


Райсӕд сауджын кедр бӕласы лыггаг, цӕвӕгхос ӕмӕ сырх-сырхид хъуымацы гӕппӕл ӕмӕ сӕ, дыгӕрдыг цы арты судзы, уырдӕм баппарӕд.


Ӕрӕмбӕрзӕнт сӕ сырх-сырхид ӕмбӕрзӕнӕй, уый та сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕмӕ хъилтӕ ныссадзӕнт.


Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.


Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»


Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.


Уӕ бӕстӕмӕ уын куы ӕрбабырсӕм, уӕд нӕ цы рудзынгыл ӕруагътай, ууыл-иу ацы сырх бӕндӕн бабӕтт, стӕй дӕ фыды ӕмӕ дӕ мады, де ’фсымӕрты ӕмӕ де ’ппӕт хӕстӕджыты дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ