Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕуынц, уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ; алкӕмӕн дӕр дзы — фӕйнӕ уӕрыччы, иу дӕр дзы йӕ ныййарӕг мадӕн сӕфт нӕу.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 4:2
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн.


— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.


Дӕ былтӕ сты сырх ленты ’нгӕс, хӕрзаив. Хызы бын дӕ рустӕ гранаты ’рдджытау — сырх.


Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйуайынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц; ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕйцӕуынц, уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ; алкӕмӕн дӕр дзы — фаззон, иу дӕр дзы иунӕг нӕу.


Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ, махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ — Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ