Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Се ’ппӕт дӕр — фӕлтӕрд ӕфсӕддонтӕ, кӕрдтӕй — ифтонг; алкӕмӕн дӕр — йӕ кард йӕ фарсыл: ӕхсӕвыгон мацӕмӕй уа тас.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 3:8
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мӕ кусджыты иу ӕмбис кусгӕ кодта, иннӕ ӕмбис та ӕд ӕрцытӕ, ӕд уартытӕ ӕмӕ ӕд ӕрдынтӕ, сӕ уӕлӕ уыди згъӕрхӕдӕттӕ, афтӕмӕй лӕууыдысты. Ӕфсадхонтӕ дӕр ӕмбырдӕй уыдысты Иудӕйы хӕдзары фӕскъул.


Къуламайджытӕ ӕмӕ уаргъхӕсджытӕ иу къухӕй кусгӕ кодтой, иннӕмӕй та ӕрцытыл хӕцыдысты.


Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх куы сӕнкъуыса ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,


Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын.


Мӕнӕ — Соломоны къухтыхӕсгӕ паддзахы бадӕн, йӕ разы — ӕхсай гуыппырсары, Израилы тыхджындӕртӕ.


Соломон йӕ паддзахы бадӕн сарӕзта ливайнаг нӕзытӕй;


Ӕз, Дунедарӕг, дӕн йӕ хъахъхъӕнӕг; алы уысм ӕй ӕфсадын донӕй, хъахъхъӕнын ӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй — фыдбылыз ыл ма ӕрцӕуа.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.


уӕд Ехуд йӕхицӕн ӕлмӕринӕй чысыл цыбырдӕр кард саразын кодта. Йӕ рахизфарс ӕй бамбӕхста


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ