Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Хъахъхъӕнджытыл амбӕлдтӕн — уыдон зылдысты сахарыл, фарстон сӕ: «Нӕ мын федтат мӕ уарзоны?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 3:3
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

— Уӕ, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Кӕд уыдӕттӕ нырмӕ нӕ зоныс, уӕд цу ӕмӕ фыййӕутты цатырты алыварс хиз дӕ фыстӕ ӕмӕ дӕ сӕгъты.


Хъахъхъӕнджытыл сӕмбӕлдтӕн — зылдысты сахарыл. Фӕнадтой мӕ, фӕцӕфтӕ мӕ кодтой, мӕ уӕлӕфтау мын раластой мӕ уӕлӕйӕ сахары систӕ хъахъхъӕнджытӕ!


Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.


«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ Йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон».


Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ