9 Сычъийы хуызӕн, саджы ’нгӕс у мӕ уарзон. Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы, хызӕджы уылты ’рбакӕсы мидӕмӕ.
Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.
Уарзон хъуаз, зӕрдӕйӕн адджын сычъи! Йӕ риутӕй дӕ ’фсадӕд ӕдзухдӕр, йӕ уарзтӕй йын иудадзыг расыг куыд кӕнай, афтӕ.
сычъийау дӕхи ратон сурджытӕй, маргъау къӕппӕгӕй ратӕх.
Иу хатт мӕ хӕдзары рудзынгӕй кастӕн; згъӕрхызы уылты кӕсын, ӕмӕ
нӕ уӕлхӕдзар — нӕзытӕ, нӕ систӕ — кипаристӕ.
Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!
Йерусалимы чызджытӕ! Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут, цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ!
Йерусалимы чызджытӕ! Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут!
— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!
Ацы дыууӕ дӕр сын радзырдтой, фӕндагыл сыл цы ӕрцыди, уый, стӕй Йесойы куыд базыдтой, дзул куы ӕрсаста, уӕд.
Ацы ныхӕстӕ Исайа уый тыххӕй загъта, ӕмӕ йӕм Йесойы кад раргом ис, ӕмӕ кодта Уый кой.
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.
Уӕвгӕ, Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста.
Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.
Уыдӕттӕ, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уымӕн йӕ фӕлгонц йеддӕмӕ ницы сты, ӕцӕгдзинад та Чырысти у.
Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна.
Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».
Сисерайы мад рудзынгӕй кӕсы, йӕ хъӕлӕс райхъуысы, кӕуы: «Йӕ тохуӕрдӕттӕ куыд ӕрӕгмӕ здӕхынц, цӕмӕн кӕнынц фӕстиат йӕ бӕхтӕ?»