6 Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын, рахизӕй мӕ ’рбатыхта йӕ хъӕбысы.
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.
Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн».
Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.
Уӕлзондӕн аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ бӕрзонд бынатмӕ сисдзӕн, дӕ хъӕбысы йӕ бакӕн, ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзӕн.
Йерусалимы чызджытӕ! Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут!