4 Мӕ уарзон мӕ йӕ куывдмӕ бахуыдта, йӕ уарзты тырыса фӕйлауы мӕ сӕрмӕ.
Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой.
Исты йын Ды нӕ аудыс йӕхиуыл дӕр, йӕ бинонтыл дӕр ӕмӕ йӕ исбоныл дӕр? Арфӕгонд у Дӕуӕй йӕ къухты фӕллой, ӕмӕ йӕ фосы рӕгъӕуттӕ бӕстыл нал цӕуынц.
Уый Дӕуӕй куырдта цард, ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ.
Ды — ме ’мбӕхсӕн, мӕ фидар мӕсыг знӕгты ныхмӕ.
Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн.
Соломоны зарджытӕн сӕ хуыздӕр. — О, бафсад мӕ дӕ батӕй! Дӕ рӕвдыд — адджындӕр сӕнӕй!
— Йерусалимы чызджытӕ! О, сау дӕн ӕз, фӕлӕ рӕсугъд — кедаронты халагъудтау, Соломоны цатыртау.
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
— О мӕ уарзон! Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ, тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг!
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.
Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.