1 — Ӕз — шаройнаг нарцисс, дӕлвӕзты кӕркусӕг!
Цардысты Галаады зӕххыл, Башаны хъӕуты, стӕй Шароны ӕппӕт уӕтӕрты, суанг сӕ арӕнты онг.
О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын, цӕмӕй Дын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон! Мӕ зӕрдӕйы мын Дӕ разы аргъуыцгӕнгӕ цӕрыны хъару бауадз!
— Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.
Йӕ рустӕ — дидинджыты къох, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты ’нгӕс, миррӕйы сой сӕ тӕдзы.
— Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди, дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ; уым хиздзӕнис йӕ дзуг, кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис.
Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ фысты дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.
Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.