9 Куыд рӕсугъд сты фӕлындӕнты бын дӕ рустӕ, фӕрдгуыты бын дӕ дӕллагхъуыр куыд аив у!
Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.
Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ Кувӕйӕ. Уым-иу сӕ бӕлвырд аргъыл балхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ.
— О мӕ зынаргъ, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Нӕ хуыссӕн — цъӕх нӕуу,
Мӕ уарзон мӕм дзуры: «Сыст, мӕ хур, мӕ рӕсугъд, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!
Фӕкъуыбар сты легъуи бӕлӕстӕ, дидинӕг калынц сӕнӕфсиры талатӕ, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Сыст, мӕ уарзон, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!
— Кӕркусӕг сындзыты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон чызджыты астӕу бӕрӕг дары.
— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.
О мӕ уарзон! Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ! Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
— О мӕ уарзон! Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ, тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг!
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!