Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 — Уӕ, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Кӕд уыдӕттӕ нырмӕ нӕ зоныс, уӕд цу ӕмӕ фыййӕутты цатырты алыварс хиз дӕ фыстӕ ӕмӕ дӕ сӕгъты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 1:7
33 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосеф дзуапп радта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Зӕгъ-ма мын, дӕ хорзӕхӕй, сӕ фос цы ран хизынц?»


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт адӕмтӕ! Кад ын кӕнут, ӕппӕт знӕмтӕ!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


— Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.


— Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары; ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын, адджын мын сты йӕ дыргътӕ.


— Мӕ уарзон урсцъар у, сырхуадул, дӕс мин лӕджы ’хсӕн йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис!


Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!


Йерусалимы чызджытӕ! Расомы кӕнут: мӕ уарзоныл мын куы сӕмбӕлат, уӕд-иу ын зӕгъут, фыр уарзтӕй мӕ туг кӕй байсысти!


— Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди, дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ; уым хиздзӕнис йӕ дзуг, кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис.


Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ фысты дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.


— О дыргъдӕтты цӕрӕг! Дӕ хъӕлӕсмӕ дын хъусынц де ’мбӕлттӕ, фехъусын ӕй кӕн мӕнӕн дӕр!


Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.


Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Цӕй ӕмӕ мӕ Уарзонӕн азарон Уарзоны зарӕг Йӕ сӕндоныл. Сойджын бӕрзӕндыл сӕндон скодта мӕ Уарзон,


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынат сафтид ис, нал дзы адӕм ис, нал цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ ацы сахартӕй алкӕй раз дӕр ногӕй фӕзындзысты фосхизӕн сӕрвӕттӕ, ӕмӕ дзы фыййӕуттӕ сӕ фос хиздзысты.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.


Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та — «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур»


Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Моаваг Руф ын афтӕ: «Боаз мын ноджыдӕр загъта: „Ме ’ххуырстытыл дӕхи бӕтт, цалынмӕ карст фӕуой мӕ хуым, уӕдмӕ“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ