Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 1:3
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!


Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг загъта: «Ме ’ппӕт кад дӕр дын дӕ цурты рацӕуын кӕндзынӕн. Раргом дын кӕндзынӕн Дунедарӕджы ном. Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн, батӕригъӕд кӕнын Мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».


Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.


Кад хӕрздӕфгӕнӕнӕй хуыздӕр у, мӕлӕты бон та — райгуырӕн бонӕй.


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!


Йӕ рустӕ — дидинджыты къох, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты ’нгӕс, миррӕйы сой сӕ тӕдзы.


Ӕз сыстадтӕн, цӕмӕй мӕ уарзонӕн дуар байгом кӕнон, миррӕйы ’ртӕхтӕ мӕ къухтӕй, ме ’нгуылдзтӕй, гуыдырыл тагъдысты.


Ӕртиссӕдз — мӕ ус-паддзӕхтӕ, мӕ номылустытӕ — цыппарыссӕдзы, ӕнӕнымӕц — чызджытӕ,


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.


Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.


Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.


Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.


Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ