Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Зарджыты зарӕг 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы, дӕ ном у адджын миррӕйы хӕрздӕфау, чызджытӕ дӕ уымӕн уарзынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Зарджыты зарӕг 1:2
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз, дӕ зӕрдӕ Йыл дар. Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!


— Йерусалимы чызджытӕ! О, сау дӕн ӕз, фӕлӕ рӕсугъд — кедаронты халагъудтау, Соломоны цатыртау.


Мӕ уарзон мӕ йӕ куывдмӕ бахуыдта, йӕ уарзты тырыса фӕйлауы мӕ сӕрмӕ.


О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!


Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!


Цом, мӕ уарзон, быдырмӕ дӕ хонын, не ’хсӕв хъӕуты арвитдзыстӕм,


Дӕ сӕр — Кармелы хох, дӕ сӕрыхъуынтӕ — сӕнт сырх, дӕ къӕбӕлдзыг дзыккутӕ фӕсырдтой йе ’нцой паддзахӕн.


Ӕз ахъуыды кодтон: схиздзынӕн пальмӕмӕ, баныхӕсдзынӕн йӕ къалиутыл, дӕ риутӕ мын сӕнӕфсиры цупӕлттӕ фестдзысты, дӕ улӕфт та — фӕткъуыты хӕрздӕф,


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.


Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».


Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.


Тирӕй ӕрхӕццӕ стӕм Птолемаидӕмӕ. Уым фембӕлдыстӕм ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ сӕм фестӕм иу бон.


Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уе ’ппӕтӕн дӕр — Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ