Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Захариа 9:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Захариа 9:16
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн.


Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.


Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:


Ӕрцӕуы Дунедарӕг Хуыцау — Уӕлахиздзау, хъомысджын ӕлдариуӕггӕнӕг. Йӕ хъомыс дӕр ӕмӕ Йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Йӕхи бар сты.


Дӕ систы дӕндаг-рӕгътӕ дын скӕндзынӕн лалӕй, дӕ кулдуӕрттӕ — изумрудӕй, дӕ алыварс быру та дын сфӕлынддзынӕн алы зынаргъ дуртӕй.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.


Дунедарӕг Хуыцауы къухы уыдзынӕ паддзахы худы хуызӕн.


Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.


О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн».


Дунедарӕг Йаковӕн йӕ ахӕстаргъ бафиддзӕн, йӕхицӕй тыхджындӕр чи у, уыдонӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн Мӕ фос ӕмӕ сӕм ӕркӕсдзынӕн.


Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.


Сымах Мӕ фос стут, Мӕ уӕтӕры дзуг. Сымах адӕм стут сымах, Ӕз та уӕ Хуыцау дӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ уыцы бон ды, Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иудейы бӕстыхицау, Мӕ лӕггадгӕнӕг, Мӕнӕн суыдзынӕ Мӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз сӕвзӕрстон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ