Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Захариа 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Захариа 6:12
37 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.


Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.


Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.


Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.


Хуыцауы раз Уый байрӕзти, сыгъд быдыры тала тыхамӕлттӕй куыд сӕвзӕры, йӕ хус уидаг фӕлурс тау куыд суадзы, уыйау. Уындӕй диссаг, кондӕй ӕрдхӕрӕн, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн Дзы нӕ уыд. Федтам Ӕй, ӕмӕ Йын нӕ цӕст Ыл цӕмӕй ӕрӕвӕрдтаиккам, ахӕм бакаст нӕ уыд.


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.


Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг бакодта Кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ сбарста. Йӕ бацӕуӕны уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, бацӕуӕнӕн йӕ фӕйнӕфарс къулты дӕргъ — фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ цӕджындзты бӕзн та — фӕйнӕ ӕхсӕз ӕлмӕрины. Кувӕндонӕн мидӕгӕй йӕ дӕргъ уыди цыппор ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ссӕдз ӕлмӕрины.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд!


Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.


ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».


«Мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам, Уый афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕз ацы Кувӕндон — адӕймаг кӕй сарӕзта, уый — фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм“».


Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!


Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».


уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид,


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Ӕмӕ сӕм Йесо рацыди — сындзын кады худы ӕмӕ сӕнт сырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ ис уыцы Адӕймаг!»


Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахмӕ фӕхӕццӕ ис тӕригъӕдтӕ ныббарыны уац.


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.


Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ


Йесо та, мыггагмӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ мыггагмӕ у Алчер.


Уынут, нӕ рагфыдӕл Авраам паддзӕхтӕй цы байста, уыдонӕн сӕ хуыздӕр дӕсӕймаг хай кӕмӕн радта, уый куыд цытджын у!


Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ скувын ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах Алчермӕ дӕр хъуамӕ уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ