Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Захариа 14:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уый фӕстӕ, Йерусалимы ныхмӕ цы адӕмтӕ тох кодтой, уыдонӕй ма чи аирвӕза, уыдон ӕрвылаз цӕудзысты Йерусалиммӕ — Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ бакувынмӕ, стӕй Халагъудты бӕрӕгбонмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Захариа 14:16
42 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕддӕр Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ уыцы нывондхӕссӕныл хаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ — сабӕттӕ, мӕйноджы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны рӕстӕг: Донгонд дзулты бӕрӕгбоны, Къуыриты бӕрӕгбоны ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны.


Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ.


О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.


Афтӕмӕй Дунедарӕг Йӕхи раргом кӕндзӕни мысырӕгтӕн, ӕмӕ Йӕ уыдон базондзысты ӕмӕ Йын нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, сомы Йын ракӕндзысты ӕмӕ сӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзысты.


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Сафтид ис Моав, йӕ сахартӕ йын бацахстой, ӕвзӕрст лӕппуты акодтой ӕргӕвдынмӕ, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Фӕлӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мысыры зӕххыл ма куы уыдыстут, уӕдӕй абоны онг дӕн дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ Ӕз, бӕрӕгбоны-иу куыд уыдис, афтӕ ногӕй халагъудты ӕрцӕрын кӕндзынӕн.


Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу.


Сӕ дзыхтӕ сын ссыгъдӕг кӕндзынӕн тугӕй, сӕ дӕндӕгтӕ — алы ’лгъӕгтӕй. Чи сӕ фервӕза, уыдон дӕр, Иудӕйы иннӕ мыггӕгтау, суыдзысты Хуыцауы исбон, Екрон йевусӕгты хуызӕн суыдзӕни.


Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.


«Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»


Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»


Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон.


цӕмӕй Дунедарӕгмӕ тырной иннӕ адӕмтӕ, ӕппӕт муртаттӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн ӕмӕ Мӕ дӕлбар чи ис, уыдон иууылдӕр. Афтӕ зӕгъы Бардарӕг,


Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.


Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй.


Афтӕ ныр дӕр — ис, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй сӕвзӕрста, ахӕм адӕм.


Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.


Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ