Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Захариа 10:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Захариа 10:11
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Уым уый дӕр, Илийайы хуызӕн, пӕлӕзӕй дон ӕрцавта ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Дунедарӕг, Илийайы Хуыцау?» Дон та ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм алӕууыд, ӕмӕ Елисей сурыл доны иннӕ фарсмӕ бахызти.


Илийа йӕ пӕлӕз раласта, стыхта йӕ, дон дзы ӕрцавта, ӕмӕ дон ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм куы алӕууыд, уӕд Елисеимӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау, фаллаг фарсмӕ бахызтысты.


Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


Мӕлыны къахыл ныллӕууыдтӕн, мӕрдтыбӕсты хъизӕмӕрттӕ мӕ баййӕфтой, сӕргой ӕмӕ додойаг фӕдӕн.


Дунедарӕг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг у, барон у нӕ Хуыцау.


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Ӕнӕбын денджызӕн зӕгъын: „Басур у, дӕ уылӕнтӕ дын байсысын кӕндзынӕн“.


Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн.


Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.


Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ