15 Саламтӕ дын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыдон иууылдӕр. Саламтӕ ратт, мах чи уарзы, уыцы уырнджытӕн. Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.
Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Уӕхӕдӕг зонут, мӕхи ӕмӕ ме ’мбӕлццӕтты хъуӕгтӕн ӕз куыстон мӕ ацы дыууӕ къухӕй.
Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕ уӕд!
Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.
Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.
Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.
Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!
Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.
Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.
Хистӕрӕй — мӕ уарзон Гаймӕ, ӕцӕгӕй кӕй уарзын, уымӕ.