Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Титмӕ 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Титмӕ 2:8
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Йесо сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.


Динамонджытӕй сын иу хъуыста сӕ быцӕумӕ ӕмӕ, куыд хорз дзуапп сын лӕвӕрдта, уый фиппайгӕйӕ, Йесомӕ бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Фӕдзӕхстытӕй кӕцы у сӕйрагдӕр?»


Динамонӕг Ын загъта: «Раст дзурыс, Ахуыргӕнӕг. Хуыцау иу кӕй у ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уымӕй раст дӕ.


Йесо дзы ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Хуыцауы Паддзахадӕй дард нӕ дӕ». Уый фӕстӕ Йесойы бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.


Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.


Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.


Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.


Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы,


Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.


Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.


Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ