Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Зӕрдӕрухсы хос дын уыдзӕн, дӕ зӕронды бонты та ӕнӕ дарӕгӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта — авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр чи у!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 4:15
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.


Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.


Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.


Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.


Наоми сабийы йӕ хъӕбысмӕ райста ӕмӕ йӕ хъомыл кодта.


ӕмӕ йын Елкана, йӕ сӕрыхицау, загъта: «Аннӕ! Цӕуыл кӕуыс? Фынгмӕ цӕуылнӕ ӕвналыс? Цы маст дӕ бацыди? Исты дын ӕз дӕс фыртӕй дӕр адджындӕр нӕ дӕн?»


Ӕфсӕст чи уыди — къӕбӕрыл кусынц, ӕххормаг чи уыди — уыцы сӕр сӕ нал хъӕуы. Ӕнӕзӕнӕг ныййардта авд хъӕбулы, бирӕзӕнӕгджын та иунӕгӕй ’руайы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ