Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 4:11
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ’хсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта:


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел.


Райсомӕй Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахелы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?»


Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.


Иезавел фыстӕджытӕ ныффыста Ахавы номӕй, уый мыхуыр сыл сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ арвыста, Навот кӕм царди, уыцы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕм.


Вифлеемы бындурӕвӕрӕг Салма, Бет-Гадеры бындурӕвӕрӕг Хареф.


Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.


Йӕ сӕрыхицауы йын сахары кулдуары цур зонынц, йӕ бӕстӕйы хистӕрты ’хсӕн фӕбады.


Ӕлхӕды ӕвдисӕндар ныффыстон ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдтон. Ӕвдисӕнтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ ӕвзист барӕныл сбарстон.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


Фӕлӕ уыцы лӕг йӕ чындзы ракурыныл разы куынӕ уа, уӕд чындз рацӕуӕд сахары кулдуары размӕ, хистӕртӕм, ӕмӕ зӕгъӕд: „Мӕ тиуы нӕ фӕнды, йе ’фсымӕры ном Израилы ’хсӕн ма фесӕфа, уый, мӕн ракурыныл разы нӕу“.


уӕд йе ’фсымӕры идӕдз бацӕуӕд, хистӕрты раз ын йӕ дзабыр йӕ къахӕй раласӕд, йӕ тӕккӕ цӕсгомыл ын бату кӕнӕд ӕмӕ зӕгъӕд: „Йе ’фсымӕры хӕдзар ногӕй рацаразын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн мӕнӕ афтӕ бакӕнынц“.


Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ