Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Боаз бахордта ӕмӕ бануӕзта, йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг ӕмӕ кӕрийы цур бахуыссыди. Руф ӕнӕ уынӕрӕй бацыд, йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ ӕрхуыссыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Боаз бахордта ӕмӕ бануӕзта, йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг ӕмӕ кӕрийы цур бахуыссыди. Руф ӕнӕ уынӕрӕй бацыд, йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ ӕрхуыссыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 3:7
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.


Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».


Иезавел ын зӕгъы: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви? Сыст, бахӕр ӕмӕ мацӕуыл тыхс. Изреелаг Навоты сӕндон дын ӕз дӕ къухы бакӕндзынӕн».


Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ.


«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».


Куывд — ирхӕфсынӕн, сӕн — хъӕлдзӕг цардӕн, фӕлӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕхца хардз кӕнын зонын хъӕуы.


Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.


Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у.


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.


Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


Ӕрбадтысты та, иумӕ бахордтой, бануӕзтой, ӕмӕ та левитӕн йӕ каис афтӕ зӕгъы: «Цӕй, ахсӕв ма лӕуу, баулӕф».


Уый фӕстӕ левит йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта. Йӕ каис та йын загъта: «Акӕс-ма, изӕрдалынгтӕ кӕны, ахсӕв ам лӕуу! Баулӕф ӕмӕ райсом сӕумӕцъӕхӕй ацӕудзыстут уӕ хӕдзармӕ».


Мусмӕ фӕцыд ӕмӕ йын йе ’фсин куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Ӕмбисӕхсӕвтыл фестъӕлфыди Боаз, рабадти, кӕсы — ӕмӕ йӕ дӕлфӕдтӕм сылгоймаг хуыссы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ