Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Боаз загъта Руфӕн: «Хъус-ма, мӕ къона, ӕндӕр хуыммӕ ма ацу уидзынмӕ, фӕлӕ ам лӕуу, мӕ сылгоймаг ӕххуырстытыл дӕхи бӕтт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Боаз загъта Руфӕн: «Хъус-ма, мӕ къона, ӕндӕр хуыммӕ ма ацу уидзынмӕ, фӕлӕ ам лӕуу, мӕ сылгоймаг ӕххуырстытыл дӕхи бӕтт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 2:8
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ йӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ ныххатыдысты: «Нӕ фыды хай, ахъуыды-ма кӕн, уыцы пехуымпар дын исты уӕззау хъуыддаг куы бафӕдзӕхстаид, уӕддӕр ӕй нӕ сарӕзтаис? Уӕдӕ, дӕхи цынай ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕ дын куы загъта ӕрмӕст, уӕд уымӕн цанӕбӕрӕг хъару хъӕуы?»


Уӕ зӕххы тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, стӕй-иу, уӕ хуымы цы баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут.


Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».


Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис.


Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.


Хуымгӕрдджыты фӕстӕ цы ӕфсиртӕ аззайы, уыдон уидзыны бар ракуырдта. Ӕрбацыд ӕмӕ сӕумӕйӕ нырмӕ ӕнцой нӕ зоны».


Хуымгӕрдджытӕ кӕм кӕрдынц, ууыл дӕ цӕст хӕсс ӕмӕ сылгоймӕгты фӕстӕ уидз. Ӕз ме ’ххуырстытӕн бафӕдзӕхсдзынӕн, ӕмӕ дӕ нӕ бахъыгдардзысты. Куы сдойны уай, уӕд бацу ӕмӕ, ме ’ххуырстытӕ цъайӕ цы дон систой, ды дӕр уымӕй нуаз».


фӕлӕ Елиа Самуелмӕ фӕдзырдта: «Самуел, мӕ хъӕбул!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Дунедарӕг та йӕм ногӕй фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, мӕ хъӕбул. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ