Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 2:4
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!


Вифлеемы бындурӕвӕрӕг Салма, Бет-Гадеры бындурӕвӕрӕг Хареф.


Мӕ фӕндӕгтӕ Дын раргом кодтон ӕз, ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай; сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.


Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг у хӕрзгӕнӕг. Стаут ын зарӕгӕй Йӕ ном, уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕхцон у.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы уацарӕй куы раздахон, уӕд Иудейы зӕххыл, йӕ сахарты ногӕй дзурдзысты: „О рӕстдзинады хӕдзар, о уаз хох! Дунедарӕг дын арфӕ ракӕнӕд!“


„Арфӕ дын ракӕнӕд Дунедарӕг ӕмӕ дӕ бахъахъхъӕнӕд!


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Фарндӕттӕг Бардарӕг уын кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр фарн дӕттӕд. Бардарӕг уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр!


Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе!


Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Дунедарӕджы зӕд ӕм ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, Дунедарӕг демӕ ис!»


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ».


Руф ацыд. Хуыммӕ бахӕццӕ ӕмӕ хуымгӕрдӕг адӕмы фӕстӕ ӕфсиртӕ уыгъта. Рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы хуым разынди Елимелехы хӕстӕг Боазы.


Боаз йӕ лӕггадгӕнӕджы, хуымгӕрдджытӕм цӕстдарӕджы, бафарста: «Чи у ацы ӕрыгон сылгоймаг?»


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ