Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Руфы чиныг 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлӕ уый фӕстӕ Наомийы фырттӕ дыууӕйӕ дӕр — Махлон ӕмӕ Килеон — амардысты, ӕмӕ сылгоймаг йӕ мой ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ быныл баззади.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Фӕлӕ уый фӕстӕ Наомийы фырттӕ дыууӕйӕ дӕр — Махлон ӕмӕ Килеон — амардысты, ӕмӕ сылгоймаг йӕ мой ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ быныл баззади.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Руфы чиныг 1:5
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды дӕхинымӕр дзурдзынӕ, адоны мын чи ныййардта, мӕ цот куы бабын сты, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг куы уыдтӕн, зӕгъгӕ. Мӕн уацары куы акодтой, уӕд адоны чи схаста? Ӕз зыбыты иунӕг куы уыдтӕн, уӕд адон кӕцӕй фесты?»


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Сахары кулдуармӕ куы баввахс ис, уӕд дзы мард рацӕйхастой — идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыди бирӕ адӕм.


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.


Лӕппутӕ ракуырдтой моаваг чызджыты, сӕ иуы ном уыди Орпа, иннӕйы ном та — Руф; ӕмӕ уым дӕс азы бӕрц фӕцардысты.


Наоми бавдӕлд ӕмӕ йӕ чындзытимӕ фӕстӕмӕ рараст ис Моавы быдырӕй, уымӕн ӕмӕ, куыд ӕрыхъуыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕркасти йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын хор радта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ