8 Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдӕй чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл.
Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.
Мӕрдты ’хсӕн мӕ ныууагътой; ингӕны чи хуыссы, уыдоны — лӕджы къухӕй кӕй амардӕуыд, Ды хъуыды дӕр кӕй нал кӕныс ӕмӕ Дӕ къухӕй чи фӕиртӕсти, уыдоны ’нгӕс сдӕн.
Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.
Хуыцауы Уд Йӕхӕдӕг нӕ монимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.
Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ.
Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил.
Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.