Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт йе ’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 9:7
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Лӕппуйы ӕмӕ дӕ унӕуты тыххӕй мӕт ма кӕн. Саррӕ дын цы зӕгъы, уымӕ байхъус, уымӕн ӕмӕ, Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты дӕ байзӕддаг.


Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Уый та йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ’рцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты“.


Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?»


Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та — Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.


Ӕфсымӕртӕ, Исаакау сымах Хуыцауы зӕрдӕвӕрды хъӕбултӕ стут.


Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.


Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ