20 Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Паддзах загъта: «Цы уӕ фӕнды, Церуайы фырттӕ! Уымӕн мӕ ӕлгъиты, ӕмӕ йын Дунедарӕг афтӕ загъта. Уӕд ын кӕй бон у, афтӕ цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, бауайдзӕф кӕнын?»
Цымӕ ацы дзӕгъӕлдзырдӕн кӕрон кӕд уыдзӕн? Уый бӕрц дӕ удхарӕй цы мары, цӕмӕй ахӕм дзуапп раттай?
Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
Уымӕн фӕндаг чи бацамондзӕн? Чи Йын зӕгъдзӕн: „Раст нӕ кӕныс?“
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд, тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,
Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.
Уый адӕймаг нӕу мӕнау, цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон.
Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?
Куыд ӕнӕзонд стут! Дурынгӕнӕгӕн куыд ис ӕлыг схонӕн? Кӕнӕ исты дзаума йе скӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ? Дурын дурынгӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мурдӕр ницы ’мбары, зӕгъгӕ?
О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ! Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг. Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.
«Израилы байзӕддӕгтӕ! Ау, сымахӕн Мӕ бон, дурынгӕнӕгӕг ӕлыгӕн цы бакуыста, уый бакӕнын нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг. — Израилы фӕстагӕттӕ, дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар куыд цӕуы, афтӕ сымах дӕр Мӕ къухы стут.
О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“
Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уӕ хъаст ӕвзарӕгӕй?»
Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд — уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у уый йӕ къахыл слӕууын кӕнын.
Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.
Ау, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, дӕхӕдӕг цы митӕ кӕныс, ахӕм миты тыххӕй искӕмӕн тӕрхонгӕнӕг куы уай, уӕд Хуыцауы тӕрхонӕй фервӕздзынӕ?
Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар нӕ цӕуы, ӕви, цӕмӕй иу ӕлыгӕй иу мигӕнӕн кадджын хъуыддагӕн скӕна, иннӕ та — иударонӕн?
Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.
Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?
Ды цӕмӕй зоныс, сылгоймаг, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды цӕмӕй зоныс, нӕлгоймаг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?
ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]
Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд чи у, ахӕмтӕ дӕр, зынаргъ мигӕнӕн дзы куыд ис, афтӕ дзы ис хуымӕтӕг дурын дӕр.
Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын архайой сӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,
Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?