12 уый адӕймаджы хъуыддӕгтӕй нӕ, фӕлӕ Йӕхи фӕндонӕй аразгӕ кӕй у: «Хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».
Йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта Едомы, ӕнӕхъӕн Едом сӕ къухы уыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.
Уӕд Едомы паддзах нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр — бӕстыхицау, Иудейы паддзахы минӕвар.
Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕни. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын.