Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 9:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 9:11
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.


Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.


Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз.


Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ.


Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд.


Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы.


Хуыцау сымах кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ уӕ кӕй уарзы, уый махӕн зындгонд у, не ’фсымӕртӕ.


лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.


Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,


уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.


Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут.


Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ