36 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм ӕрвылбон мӕлӕт ӕртхъирӕн кӕны; нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».
Мӕ ахӕсты бынатӕй мӕ ракӕн, ӕмӕ ӕз стаудзынӕн Дӕ ном. Рӕстгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕудзысты, Дӕ хорзӕхӕй мӕ куы схайджын кӕнай, уӕд.
Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».
Дунедарӕг, мӕн та зоныс, цы зӕрдӕ Дӕм дарын, уый уыныс. Фыстау сӕ ӕргӕвдӕнмӕ акӕн, фӕхицӕн сӕ кӕн ӕргӕвдынӕн!
Уӕрыччытӕ, сӕгътӕ ӕмӕ фыстау сӕ акӕндзынӕн ӕргӕвдынмӕ».
Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ, уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Уый дӕр ӕдзӕмӕй лӕууыди.
Ӕмӕ мах дӕр ӕрвылсахат цӕй тыххӕй вӕййӕм тӕссаг уавӕрты?
Ӕфсымӕртӕ, ӕз алы бон дӕр мӕлгӕ кӕнын: нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы сымахӕн цы сарӕзтон, ӕз уымӕй буц дӕн, ӕмӕ мын уый дӕтты афтӕ зӕгъыны бар.
Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ махӕн, апостолтӕн, Хуыцау бынат снысан кодта ӕппӕты кӕронӕй, цыма нын адӕмы цӕсты раз амӕлыны тӕрхон рахастӕуыд, афтӕ. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне — зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.
Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм.
Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.
ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.
Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,