Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 8:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Мах уыцы зӕрдӕдарӕнимӕ фервӕзтыстӕм. Зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый цӕстӕй куы уынӕм, уӕд уый зӕрдӕдарӕн нал у. Адӕймаг цы уына, ууыл ма йӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 8:24
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стыр у Дунедарӕг, ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс, ӕгӕрон у Йӕ зонд.


Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.


Фыдгӕнӕг амӕлдзӕни фыдмардӕй; раст лӕджы чи нӕ уарзы, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Йӕ ныфс Дунедарӕг кӕмӕн у ӕмӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый арфӕгонду!


Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн.


Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.


Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.


Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.


Кӕд ныфс ӕвӕрӕн ницӕмӕй уыди, уӕддӕр Авраам йӕ зӕрдӕ дардта ӕмӕ баууӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сси уый бирӕ адӕмты фыдӕл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Дӕ байзӕддӕгтӕ афтӕ бирӕ уыдзысты».


Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бацайдагъ ис ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд: ныфс Ӕй уыди,


Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.


Уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та у мыггагмӕ.


цӕстӕй цы уынӕм, уый нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ.


Мах та Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд уырнындзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ.


Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.


Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.


Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.


Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау


Цӕмӕй Йӕ хорзӕхы фӕрцы сраст уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауӕй мыггагмӕйы цард райсыныл.


Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн.


Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —


Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ