19 Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ.
Мӕнӕ фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ зӕхх нал ӕрымысдзыстут, нал ӕрлӕудзысты уӕ зӕрдыл.
Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».
Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ — Хуыцауы хъӕбултӕ сӕ схондзысты.
Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.
Хуыцауы Уд Йӕхӕдӕг нӕ монимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.
Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы кадӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ.
Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.
«Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут“, уым сын дзурдзысты: „Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ“».
Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут.
Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе ’рцыды бон уат ӕназым.
Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».
Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.
Уӕ цард — Чырысти — куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ кад дӕр.
Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.
Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул.