Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы кадӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 8:18
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне нӕхъӕцгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау Йӕ хъӕбулты кӕд раргом кӕндзӕнис, уымӕ.


Уӕ цард — Чырысти — куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ кад дӕр.


Уымӕ гӕсгӕ уӕм фӕсидти Хуыцау, махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уый руаджы — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы кадӕй хай райсынмӕ.


Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.


Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.


Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.


Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ