Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ныр та, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кӕддӕрау, Ӕгъдауы фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ног хуызы, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй, лӕггад кӕнӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 7:6
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн,


Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.


Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.


Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.


Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?


Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.


Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй, Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.


Ӕфсымӕртӕ, — Ӕгъдау чи зоны, уыдонмӕ дзурын, — Ӕгъдауы бар адӕймагыл ӕрмӕст йӕ удӕгасӕй кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви?


Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй.


Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.


Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.


Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Уымӕн ӕмӕ, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын.


ӕмӕ суат, Хуыцауы сконды хуызӕн чи у, ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ рӕстӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй чи цӕры, ахӕм ног адӕймӕгтӕ.


Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.


ӕмӕ систут ног адӕймӕгтӕ. Хуыцау уӕ кӕны ногӕй-ногдӕр, цӕмӕй Йӕ базонат ӕмӕ суат уе Сфӕлдисӕджы хуызӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ