Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 7:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 фӕлӕ мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ, ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 7:23
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Дунедарӕг, ратт мын тагъддӕр дзуапп: баруади мӕ уд мӕ мидӕг! Дӕ цӕсгом ма ӕмбӕхс мӕнӕй, цӕмӕй ӕз ма уон ингӕнмӕ цӕуӕгау.


Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.


Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.


Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.


Мах зонӕм, Ӕгъдау Удӕй кӕй цӕуы, уый. Ӕз та буардзыд адӕймаг дӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар.


Уӕдӕ мӕхицӕн ахӕм ӕгъдау раргом кодтон: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мын фыддзинад рауайы.


Бузныг Хуыцауӕн — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы мӕ фервӕзын кодта! Уӕдӕ ӕз уыцы иу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та — тӕригъӕды ӕгъдауӕн.


Удӕгасӕй мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды уацары уыдыстӕм ӕмӕ, Ӕгъдау цы чъизи монцтӕ цырен кодта, уыдон хӕлбурцъ кодтой нӕ буары ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.


Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат,


Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.


Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ