Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Фӕлӕ Ӕгъдау йӕхӕдӕг Хуыцауӕй цӕуы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр домы, уый сыгъдӕг, раст ӕмӕ хорз у.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 7:12
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды ӕрхызтӕ Синайы хохмӕ ӕмӕ семӕ ныхас кодтай уӕларвӕй. Радтай сын раст фӕдзӕхстытӕ, рӕстдзинады ӕгъдӕуттӕ, фарны уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ барфыстытӕ.


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.


Мах зонӕм, Ӕгъдау Удӕй кӕй цӕуы, уый. Ӕз та буардзыд адӕймаг дӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар.


Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд, бӕлвырд, разы дӕн: Ӕгъдау хорз у.


Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат;


Ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз уын ныртӕккӕ цы ӕгъдауыл дзурын, уый хуызӕн раст кӕмӕн сты?


Мах та зонӕм: Моисейы Ӕгъдау хорз у, йӕхӕдӕг куыд домы, афтӕ дзы куы пайда кӕнай, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ