Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 7:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕз та амардтӕн: царддӕттӕг цы фӕдзӕхст хъуамӕ уыдаид, уый мын ӕрхаста мӕлӕт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 7:10
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Чи йӕ ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны.


Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,


Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,


Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ