11 Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.
Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.
Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.
Уымӕн ӕмӕ, куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ — мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн.
Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.
Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?
Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.
Ныр та, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кӕддӕрау, Ӕгъдауы фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ног хуызы, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй, лӕггад кӕнӕм.
Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы кадӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ.
Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.
цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.
Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.
ӕмӕ, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ:
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.