Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 5:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 5:21
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард — уыдонӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕни Мӕ къухӕй.


Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй.


Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты.


Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр. Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц.


Кӕд иу адӕймаджы иу фыдракӕнды тыххӕй мӕлӕт паддзахиуӕг кӕнын райдыдта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та цӕрдзысты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, Хуыцау йӕ хорзӕх рӕдауӕй кӕмӕн дӕтты ӕмӕ лӕвар кӕй раст кӕны, уыдон.


Уӕдӕ уӕ мӕлӕтон буарӕн тӕригъӕд ма уӕд паддзах, цӕмӕй чъизи монцты коммӕ ма кӕсат.


Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.


Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕйы ис, уӕд уын мон дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый фӕрцы, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтӕн лӕвӕрд у, уӕддӕр.


Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.


Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй — мыггагмӕйы цардӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ