Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 5:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕцӕгӕйдӕр, иу адӕймаджы фыдракӕнд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг дӕр раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын лӕвар кӕны цард.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 5:18
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ, фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн. Дунедарӕг Дзы зӕгъы: «Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый, Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар, бирӕты сраст кӕндзӕн, сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.


Уый ӕрцыдис ӕвдисӕнӕн, цӕмӕй зӕгъа Рухсы тыххӕй ӕмӕ Йыл адӕм иууылдӕр баууӕндой йӕ фӕрцы.


Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд алкӕй дӕр Мӕхимӕ ӕрхондзынӕн».


Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».


Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесойы фӕрцы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр.


Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,


Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.


Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты.


Фӕлӕ Адамы фыдракӕнд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх иу не сты. Кӕд ӕмӕ иу адӕймаджы фыдракӕнд бирӕты бабын кодта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та Хуыцауы хорзӕх аххӕссыди уымӕй ноджы бирӕ фылдӕр адӕмыл.


Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ.


Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.


Адамимӕ иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты Чырыстиимӕ,


Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ