13 Тӕригъӕд Ӕгъдауы размӕ дӕр дунейы уыди, фӕлӕ тӕригъӕд, Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы.
Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.
Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, сӕ тӕригъӕд уӕззау у.
Гъемӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм, сӕн ын бадарӕм ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм».
Афтӕмӕй Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр банхъӕлцау сты сӕ фыдӕй.
Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, ногӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл
Онан цы ми кодта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста.
Фӕлӕ Ер, Иудӕйӕн йӕ зӕнӕджы хистӕр, Дунедарӕджы цӕсты фыдлӕг уыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ цард аскъуыдта.
Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг ис, фыдракӕндӕй байдзаг ис.
Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны.
Тӕригъӕд — уый у мӕлӕты маргӕйдзаг фат; тӕригъӕд та хъару Ӕгъдауӕй райсы.
Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.
Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау.