8 Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ азым тӕригъӕдыл кӕмӕн нӕ банымайа, уыцы адӕймаг».
Цин кӕнут Дунедарӕгыл, рӕстудтӕ: Дунедарӕджы стауын фидауы рӕстудыл.
Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.
Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.