14 Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд дӕр ницы у.
Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».
Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.
йӕ сӕрыхицау та йӕ фехъуыста ӕмӕ ницы загъта, йӕ ныхмӕ нӕ рацыд, уӕд ӕцӕг у йӕ ардбахӕрд, ӕцӕг у йӕ алы тобӕ дӕр.
Фӕлӕ йӕ сӕрыхицау дыккаг бонмӕ йӕхи куы ныхъхъус кӕна, уӕд ын уымӕй йӕ ардбахӕрдтӕ ӕмӕ йӕ тобӕтӕ сфидар кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ куы фехъуыста, уӕд уыцы бон ницы загъта.
Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.
Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,
Ау, Чырысти дихтӕ ныцци? Ӕви уӕ сӕраппонд Павел, мыййаг, ӕрцыди дзуарылтыгъд? Кӕнӕ донаргъуыд, мыййаг, Павелы номыл райстат?
Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.
Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй.
ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры хуымӕтӕг ӕмӕ, лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи у, уыцы Фырты.