30 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты — сунӕтгӕндты дӕр, стӕй, сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.
Сунӕтгонд чи нӕу, уый Ӕгъдауы домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕнӕсунӕтӕй дӕр Хуыцауы цӕсты сунӕтгонд нӕ уыдзӕн, ӕви?
Уӕдӕ йӕ буарыл сунӕт кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый рахӕсдзӕн тӕрхон дӕуӕн, Ӕгъдауы сӕрты ахизӕгӕн, кӕд дын фыст Ӕгъдау ис ӕмӕ сунӕтгонд дӕ, уӕддӕр.
Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.
Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ — уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.
Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,
Тӕхудиаг кӕй хоны: сунӕтгонды ӕви ӕнӕсунӕтгонды? Мах дзурӕм: «Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл».
Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у.
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.
Уымӕн ӕмӕ, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын.
Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.