18 Хуыцауы тас сӕм нӕй».
Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“.
Давиды псалом. Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл, ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
Тӕригъӕдджынтӕм хӕлӕг ма кӕн, Дунедарӕджы раз дӕм тас уӕд кӕддӕриддӕр —
Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.
Фӕлӕ йӕ иннӕ сабыр кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастой?
фидыды фӕндаг нӕ зонынц.
Куы уыл бамбӕлдысты, уӕд уыл чъылдымӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нал уыд ӕмӕ фӕсте чи баззад, уыдоны ныццагътой: сымах фыр фӕлладӕй бастадыстут, уыдон та Хуыцауӕй нӕ фӕтарстысты.
Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йе ’ппӕт цагъартӕ, Йӕ тас кӕй мидӕг ис, уыдон — номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».