13 Сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард, сӕ былтыл — калмы марг.
О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.
Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.
Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр.
Уӕ цӕстылуайӕн — мӕнг, уӕ рагуац дӕр — фӕлывд! Сымах дзурут: „Уый Дунедарӕг загъта“, афтӕмӕй та Ӕз нӕ загътон.
Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, иу дӕр дзы нӕ бӕззы; хорздзинад ничиуал кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.
Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».
Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн.