24 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сымах аххосӕй фауынц муртаттӕгтӕ Хуыцауы ном».
Фӕлӕ Дунедарӕджы кӕй айрох кодтай, уый тыххӕй дӕ ноггуырд фырт амӕлдзӕн».
Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.
Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн, адӕймаджы фырт: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ ма Мӕ ноджыдӕр куыд ӕфхӕрдтой уӕ фыдӕлтӕ, гадзрахатӕй-иу Мыл рацыдысты.
Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.
Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.
Цагъайрады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ.
уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.
Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.
Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.