23 Ӕгъдауӕй ӕппӕлыс, фӕлӕ Ӕгъдау халыс ӕмӕ уымӕй ӕгад кӕныс Хуыцауы.
Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза,
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.
Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Моисей, ныфсджын кӕмӕй стут, уый — уӕ зылынгӕнӕг.
Ныр та дӕумӕ дзурын, йӕхи иудейаг чи хоны, уый. Ныфс дӕ ис Ӕгъдауӕй; дӕхицӕй ныббуц дӕ, цыма Хуыцау дӕумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы;
Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.
Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау.
Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.